ХЪЫГЗÆРДÆЙÆ ТÆФÆРФÆС КÆНÆМ

19 декабря 2019

Дунейы æнæмæлгæ цард нæй. Фæлæ йæ цардæй куы ахицæн вæййы, бинонтæн дæр, æхсæнадæн дæр зынаргъ чи уыд йæ цæргæбонты, ахæм адæймаг, уæд æнæхъæн дзыллæтæ дæр сæхи зианджыныл фæнымайынц. Иу къуырийы дæргъы Мæздæджы ирон адæмы æхсæнæй се ‘нусон хæдзæрттæм ацыдысты фæдфæдыл дыууæ хорз лæджы, хъыггæнгæйæ ныууагътой сæ уарзон адæмы.

Бигъаты Таймураз (Тимофей) кæд Зæронд Бæтæхъойыхъæуы райгуырд, уæддæр йæ царды фылдæр хай арвыста Мæздæджы. Куыстуарзаг, æнæзивæг лæг, бинонтæ скодта, сарæзта аив хæдзар, архайдта, цæмæй йæ цот, йæ цоты цот адæмы рæнхъы рацæуой, ууыл. Шофыры куыст бирæ азты дæргъы фæкодта, дард фæндæгтыл фæцыд, фæлæ æнæкæронæй уарзта йæ райгуырæн бæстæ Ирыстон, иузæрдион уыд Советон паддзахад æмæ Сталиныл.

Таймураз йæ бинойнаг Зояимæ (Хъуылаты чызг) царды бавзæрстой цин дæр æмæ хъыг дæр. Сæ хистæр фырт æрыгонæй ахицæн йæ цардæй. Се ‘ртæ чызджы рæсугъдæй сæ цард аразынц. Ис сын аст хъæбулы, уыдонæн та ма – æртæ чысыл хуры, æмæ иууылдæр уарзынц Бигъаты хæдзар. Цардæй бафсæдæнт, Таймураз та сыл цардаудæн кæнæд.

«Иры Стыр Ныхас»-ы Мæздæджы районы хайады Бигъаты Таймураз уыд хистæрты комитеты уæнг цалдæр азы, нæ минæвар уыд Мæздæджы Хæлардзинады хæдзары, Координацион советы уæнг. Таймураз куыд хистæр алы ранмæ цыд æнæзивæгæй, йæ барджын ныхас, йæ рæсугъд куывд, хъыггæнæн ныхас алкæй зæрдæмæ дæр хъардтой. 2017 азы Мæздæджы районы депутаттæ не ‘хсæнады курдиатмæ æркастысты æмæ Бигъаты Таймуразы схорзæхджын кодтой – сси Мæздæджы районы Кадджын гражданин. Абон ын дзурæм: «Рухсаг у, Таймураз».

 

 

Уæззау æвзарæн скодта хъысмæт Лалыты мыггаг æмæ сæ къабæзтæн, Мæздæджы районы цæрджытæн, Лалыты Аслан кæимæ куыста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Сæрыстыр æмæ ныфсджын кæмæй уыдыстæм иууылдæр, уыцы суинаг лæг не ‘хсæнæй фæхъуыд.

Аслан райгуырд Дзæуджыхъæуы кадджын бинонты ‘хсæн, иттæг хорз ахуыр кодта, каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет. Йæ цард сбаста уæздан мæздæггаг чызг Адырхаты Таняимæ. Аслан куыста ам, Мæздæджы, барадхъахъхъæнæн оргæнты. Æмæ йæ зыдтой, йæ зонындзинæдтæ æвæллайгæйæ фылдæр чи кодта, ахæм юристæй. Алы адæймагæн дæр бæстонæй æмбарын кодта йæ бартæ, закъонады фæзилæнтæ. Райдыдта кусын Мæздæджы районы тæрхондоны. Адæймаджы хъысмæт Хуыцауы къухты ис æрмæст, уый алчи зоны. Фæлæ тæрхонгæнæгæн йæ куысты сæр у, адæймаг раст у æви зылын, уый сбæрæг кæнын. Цыфæнды фæлтæрдджын кусæг куы уай, уæддæр адæймаджы цард – азымджын уа æви фыддзинад бавзарæг – тæрхонгæнæджы уынаффæ аивы. Æмæ тæрхонгæнæджы куыст æнцон нæу. Зæрдæргъæвд адæймаг куы уа тæрхонгæнæг, уæд искæй рыст йæ зæрдæмæ хæссы. Æвæццæгæн, Асланы зæрдæйыл дæр ностæ уыд, æмæ иуахæмы йæ фæтæн риуы æваст ныхъхъус. Дохтыр дæр ын нал феххуыс. Йæ хиуæттæ, æмгæрттæ, сыхæгтæ, ахæм хабар фехъусгæйæ, цавддуртау фесты. Йæ мад æмæ фыд, йæ бинойнаг Таня, йе ‘ртæ сывæллоны дзыназгæйæ баззадысты. Йæ дыууæ лæппуйы æмæ йæ гыццыл чызг нырма ахуыр кæнынц. Лалыты мыггаг, сæ мадырвадæлтæ Адырхатæ сæ æвæгæсæг нæ ныууадздзысты. Мæгуыр амæлæг вæййы. Асланы уæздан зондджын ныхас, йæ фæлмæн мидбылхудт чи зыдта, уыдон æй мысдзысты хъыгзæрдæйæ. Мæрдты бæсты дзæнæты бадæд, йæ уарзон адæмыл цардаудæн кæнæд. Рухсаг у, Аслан.

БÆЗЫТЫ Л. – «Иры Стыр Ныхас»-ы Мæздæджы районы хайады номæй.

(В течение одной недели наше общество понесло невосполнимую утрату – ушли из жизни Почетный гражданин Моздокского района Таймураз Бигаев и и.о. председателя Моздокского районного суда Аслан Лалиев.)

Закрыть
Сообщение об ошибке
Отправьте нам сообщение. Мы исправим ошибку в кратчайшие сроки.
Расположение ошибки: .

Текст ошибки:
Комментарий или отзыв о сайте:
Отправить captcha
Введите код: *